Илья Дыккагы мæлæты фæдыл 18-æм марты Сыгъдæг Синоды рабадт сырæздзæн, цæй фæстæ та зианы фæдыл уæлæмхас детæлттæ фехъусын кæндзысты
Илья Дыккагы мæлæты фæдыл 18-æм марты Сыгъдæг Синоды рабадт сырæздзæн, цæй фæстæ та зианы фæдыл уæлæмхас детæлттæ фехъусын кæндзысты

Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Мцхета-Тбилисы архиепископ, Бичъвинтæ æмæ Цхум-Абхазы митрополит Илья II-ы амæлæты фæдыл, Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуаны Сыгъдæг Синоды рабадт уагъд æрцæудзæн 2026 азы 18 марты, 14:00 сахатыл, кæцыйы фæстæ Патриархы мардæвæрæны тыххæй  детæлттæ рахъусын кæндзысты.

Уый фæдыл фидиуæн рапарахат кодта Гуырдзыстоны Патриархийы æхсæнадимæ бастдзинады куыстуат.

Сæ ныхасмæ гæсгæ, Синоды рабадты фæуды фæстæ,  Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Илья Дыккагы, Патриархалон резиденцийæ аласдзысты Сыгъдæг Æртæиуоны Патриархон кафедралон аргъуанмæ.

Гуырдзыстоны Патриархийы 18-æм мартмæ зианы мадзал нæу плангонд.

Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг йæ цардæй ахицæн 17-æм марты 93 азы кары.