Михеил Хъавелашвили – Илья Дыккагы мæлæт махæй алкæмæн дæр стыр рыст æрхаста; йæ хайбавæрд нæ Мадæлон Аргъуаны фидар кæнын æмæ йæ райгас кæнынмæ аргъ кæмæн нæй, ахæм у
Гуырдзыстоны президент Михеил Хъавелашвили Гуырдзыстоны адæмæн тæфæрфæс кæны Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг йæ цардæй ахицæны фæдыл.
Хъавелашвили куыд банысан кодта афтæмæй, аргъуаны фидар æмæ сног кæнынмæ Илья Дыккагы хайбавæрдæн аргъ сбарæн нæй.
«Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг, Йæ Сыгъдæгдзинад æмæ Тæхудиаджы йæ цардæй ахицæн, алкæй зæрдæмæ дæр стыр маст расайдта.
Нæ Мадæлон Аргъуан фидар кæнын æмæ йæ райгас кæнынмæ йæ хайбавæрдæн аргъ нæй. Йæ Сыгъдæгдзинад æрдæг æнусы эпохалон лæггад йæ райгуырæн бæстæ æмæ адæмæн баззайдзæн æмбал кæмæн нæй, ахæм æнувыддзинады дæнцæгæй, йæ зонд æмæ уарзондзинад та махæй алкæй зæрдæйы дæр ныууадздзæн арф фæд.
Йæ цæрæнбонты удуæлдайæ тыхст Гуырдзыстоныл æмæ ссис нæ адæмæн фидар æмбонд. Тынг мысдзыстæм Патриархы зонд æмæ фыды уарзондзинад.
«Ноджы иу хатт мæсæллæ сидын æнæхъæн гуырдзиаг адæмæн ацы стыр зианы фæдыл, æмæ мæ зæрдæ зæгъы Каталикос-Патриархы бинонтæн, динамонджытæн æмæ иузæрдион Хуыцауы æххуыс æмæ монон фидардзинад ацы уæззау рæстæджы» – фыссы Михеил Хъавелашвили.
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг 17-æм марты 93 азы кары амард.