Ираклий Чиковани  хайад райста  Украинæйы хъахъхъæнынады контактон къорды  фембæлды
Ираклий Чиковани хайад райста Украинæйы хъахъхъæнынады контактон къорды фембæлды

Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  министр   Ираклий Чиковани  визитæй  уæвы Германийы   Федерацион Республикæйы, цы ран   Украинæйы хъахъхъæнынады  контактон  къорды   радæй 24-æм  фембæлд  ацыд.   Информаци уый  фæдыл  хъахъхъæнынады министрад хъусын кæны.

Уагдоны хъусинагæй, Рамштайны  авиабазæйыл  фембæлды хайадисджытæ  Украинæйы  уæвæг  уавæр æмæ Украинæйæн  координацигонд æфсæддон  æххуысы   хъæуындзинæдтæ  æркастысты.

Бæрæгдзырдæн   Украинæйы хъахъхъæнынады  контактон къорд, Америкæйы Иугонд Штатты   инициативæйæ  2022 азы   апрелы  уыд арызт  æмæ Украинæйы  фарсхæцæг 50-йæ  фылдæр  бæстæйы иу кæны.