Илон Маск Украинайæн, «Старлинкы»терминалтæй пайда кæныны фадат ратта
Илон Маск Украинайæн, «Старлинкы» терминалтæй пайда кæныны фадат ратта. Уый фæдыл информаци Дунейы сеагсдæр бонджын адæймаг, «Твиттеры» фæрцы райхъусын кодта.
«Старлинкы сервси нырид рæувадат у Украинайы. Фылдæр терминалтæ та тагъд фæхæццæ уыдзысты» – дзырдæуы Илон Маскы «Твиттерæй» публикацигонд ф идиуæны.
«Стралинк» у глобалон сателитон системæ, кæцы ифтонг кæны адæймæгты бæрзондтагъдадджын интернетæй. Банысан кæнын хъæуы, цæмæй «Старлинкы» терминалтыæй пайда кæныны бары æркуырдæй, америкаг миллиардермæ басидтис Украинайы цифрон трансформацийы министр Михеил Федоров.
«Илон Маск, цалынм архайыс Марсы колонизаци скæнын, Уæрæсе архайы Украинайы оккупаци. Цалынмæ уæ ракетæтæ æнтыстджынæй æрбаддзысты космосæй, уырыссаг реакетæтæ цæгъдынц Украинайы цæрджыты. Курæг уæ стæм, сифтонг кæнут Укркаина «Старлинкы» терминалтæй æмæ фехъусын кæнут зондджын уырыссæгтæн, цæмæй фæлæууой» – дзырæдуы Михеил Федоровы сидты.