Ильхам Алиев – ныфс мæ ис, фидæн азы фæуыдзыстæм Баку-Тбилис-Хъарсы æфсæнвæндаджы Гуырдзыстоны уæвæг фадыгы уæрæх кæнын
Ныфс мф ис ифидæн азы фæуыдзыстæм Баку-Тбилис-Хъарсы æфсæнвæндаджы Гуырдзыстоны уæвæг фадыгы ауæрæх кæнын, – уый фæдыл фидиуæг, Азербайджаны президент, Ильхам Алиев Берлины раздзог немыцаг компаниты къухдариуæггæнджытимæ фембæлдыл сарызта.
«Азербайджан ацы тæккæ инвестицитæ æвæры Баку-Тбилис-Хъарсы иуæй-иу уынгæг фадыгы ауæрæхы, – уый у Гуырдзыстоны уæвæг фадыг. Фæстиуæгæн, уæзты змæлд ауæрæхдæр уыдзæн иу милуан тоннæйæ фондз филуан тоннæйы онг. Уæлæмхас инвестици Азербайджаны æрдгæй у 120 милуан доллары бæрц . Ныфс мæ ис, ацы куыстытæ фидæн азы фæуыдзыстæм», – райхъусын кодта Азербайджаны президент.
Алиевы дзырдæй, зæгъгæ Азербайджан афтæдæр кусы транспорты инфраструктурæйы æмæ таможнæты системæты интеграцийыл.
«Цалдæр бонмæ Бакумæ æрцæудзæн Дунейы таможнæты цæдисы организацийы директор æмæ иуæй-иу фарста, кæцыйы æркæсдзыстæм у уый, цæмæй куыд йæ бон у Дунейы таможнæты цæдисы организацийæн баххуыс нын кæна, цæмæй координаци скæнæм Централон Азийы, Азербайджаны, Гуырдзыстон æмæ Турчы æхсæн. Цæмæй нын Интегриргонд маршрут уа, æнæмæнгхъæугæ у иугонд ахаст тарифты æрдгæй. Иу бæстæ, дæнцæн, Азербайджан куы фæкаддæр кæна тариф æмæ иннæ та нæйы, кæнæ та йæ фæзынаргъ кæна, уæд ацы системæ нæ кусдзæн». – райхъусын кодта Алиев.