Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили фембæлдис Азербайджаны президент Ильхам Алиевимæ.
Парламенты пресскуысты информацийæ, фарсытæ æвæрццаг аргъ скодтой дыууæ бæстæйы æмæ адæмты æхсæн уæвæг æнгом хæларон æмæ партнерон ахасстытæн. Афæлгæстой транспорты, энергетикæйы, культурæйы, æхсæнадæмон ахастыты æрдгæй цæугæ æмæ плангонд проекттæ æмæ активондзинæдтæ. Бахахх ис Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны парламентты роль æмæ нысаниуæг дыууæфарсон цæдистæ стынг кæныны хъуыддаджы.
Фембæлдыл афтæдæр æркастысты регионы уæвæг æдасдзинады уавæр, Карабахимæ баст процесстæ æмæ дæргъвæтин сабырдзинад сфидар кæныны фадæттæ.
Парламентон делегацийы, кæцыйæн Гуырдзыстны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили къухдариуæг кæны, сты парламенты вице-спикер Арчил Талакъвадзе, фракци «Картули Оцнебайы» сæрдар хæдивæг Грета Цъицъава, парламентон фылдæрты уæнгтæ% Савалан Мирзоев, Заур Даргали æмæ фракци «Иугонд Националон Змæлд – иугонд оппозици «Тых Иудзыинады ИС»-ы уæнг Рамаз Николаишвили.