Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Илиа Дарчиашвилийы визит Брюсселмæ абон райдайдзæн.
Бельгийы паддзахад æмæ Люксембургы Стыр Герцогады Гуырдзыстоны сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвары, Вахтанг Мгалоблишвилийы инфорамцийæ, визиты фæлгæтты Дарчиашвили фембæлдзæнис коллегæтимæ æндæр æмæ æндæр институттæй. Минæвары дзырдæй, ацæудзæн фембæлдтæ Еврокомиссийы.
«Рахицæн кæнин фембæлдтæ ауæрæхы фарстаты еврокомиссаримæ, расттæрхоны Еврокомиссаримæ, энергетикæйы æмæ мидæгон хъуыддæгты Еврокомиссаримæ. Афтæма визиты фæлгæтты, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр фембæлдзæнис Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеп Борелимæ, фембæлдтæ уыдзæн афтæдæр Европарламенты. Кæй зæгъын æй хъæуы нысаниуæгджын визит у æмæ уырнæг дæн, æфсæст уыдзæн мидисæй.
Визиты фæлгæтты европаг коллегæтæн бавдисдзыстæм информаци, цæмæй цы этапыл ис 12 приоритеты сыххæст, фæлæ афтæдæр фæныхас кæндзыстæм уыцы процесстыл, кæцытæ цæуынц регионы куыд бæстæйы мидæгæй, афтæ бæстæйы æддæйæ. Ныр регионы уæвæг æдасдзинады фæдыл темæты кой кæнын. Еврокомисси цалдæр мæймæ æрцæттæ кæндзæн æхсæйнаг хыгъдлæвæрд, дзырдæй хыгъдлæвæрд æмæ растдæр ацы визит у нысаниуæг ацы контектсы, цæмæй европаг коллегæтæн бавдисæм информаци, цæмæй куыд цæуы ацы процесс, куыд цæуы имплементацийы процесс. Стæй иттæг нысаниуæгджын уыдзæн октябры, Еврокомисси фысгæ хыгъдлæвæрд куы бавдисдзæн æмæ рекомендаци ратдзæн Европаг Советæн, ратта æви нæ нæ бæстæйæн кандидаты статус. Цæугæ этапыл цæй æгъын æй хъæуы зын у зæгъын, цы мидис уыдзæн еврокомиссийы октябры хыгъдлæвæрды. Мах нырид райдыдтам Еврокомиссийæн уыцы æрмæджытæ цæттæ кæнын, кæцыта сæм ратдзыстæм æмбæлгæ хыгъдлæвæрд æрцæттæ кæнынæн.
Зондзыстут, цалдæр къуыри размæ Еврокомиссипубликаци скодта хыгъдлæвæрд æмæ ацы документæй къухдариуæг кæндзыстæм, зæгъæн ис, цæмæй Еврокомисси позитивон аргъ дæтты уыцы процесстæн æмæ ивддзинæдтæ æмæ рекомендацитæн, кæцытæ Гуырдзыстоны цæуы рæнхъ æрдæмадтæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, афæдзы кæрон Гуырдзыстонæн уыдзæн аргълæвæрд бирæ æрдæмадæй, куыд секторон имплементацийы æрдгæй, афтæ уыцы реформæты æрдгæй, кæцытæ баст сты расттæрхонимæ, демократон реформæтимæ. Иттæг нысаниуæгджын уыдзæн, цæмæй æй зæгъын æй хъæуы ацы периодмæ нын уа рахатинаг реформæтæ уагъд, цæмæй Еврокомисси позитивон хатдзæг, позитивон рекомендаци ратта Европаг Совет махæн афæдзы кæрон кандидат бæстæйы статус раттыны фæдыл», – райхъусын кодта Вахтанг Махароблишвили.