Илиа Дарчиашвили Евроцæдисы  минæварæн ауæрæхы  пакеты  фæлгæтты  æрцæттæгонд  фыццаг   хыгъдлæвæрд  алæвæрдта
Илиа Дарчиашвили Евроцæдисы минæварæн ауæрæхы пакеты фæлгæтты æрцæттæгонд фыццаг хыгъдлæвæрд алæвæрдта

Гуырдзыстоны   фæсарæн хъуыддæгты министр, Илиа Дарчиашвили  Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæварæн, Павел Герчинскийæн еврокомиссимæ  хаугæ   хыгъдлæвæрд   алæвæрдта, кæцы  ауæрæхы пакеты  фæлгæтты, Коппенгагены  критеритæм  æмбæлгæйæ фыццаг хатт æрцæттæ ис.

Документы ис  35-35 сæры æмæ уым æвдыст у  Евроцæдисимæ æрыввахсы æрдгæй  æстаг иу афæдзы  дæргъы Гуырдзыстоны сыххæст закондæттæн æмæ æндæр типы активондзинæдтæ æмæ ацы цæстæнгасæй  паддзахады прогресс.

Фæсарæн хъуыддæгты министрады  куыд банысан кодтой афтæмæй,   хыгъдлæвæрды цæттæ  кæнын райдыдта  февралы кæрон   Еврокомиссийы  æркуырдмæ æмбæлгæйæ  æмæ   процессæн координаци кодта  фæсарæн хъуыддæгты министрад.

Процессы баст у  алы  паддзахадон уагдон, афтæма   закъондæттæг орган æмæ  тæрхонон  хицауад.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   фæнысангонд хыгъдлæвæрды  бындурыл,  Еврокомисси Гуырдзыстонæн  а.х. Коппенгагены   тематон  критеритæм гæсгæйæ  скæндзæн аргъ, кæцы йæ  хуъыдыйы  дары куыд    политикон афтæ  экономикон   æмæ  секторон  хæйттæ.

«Еврокомиссийы  аргълæвæрды  хыгъдлæвæрд   публикацигонд  уыдзæн 2023 азы  фæззæджы, кæцыйы бынудрыл  2023 азы кæрон, Европаг Совет  æркæсдзæн  Гуырдзыстонæн   кандидат бæстæйы  статус раттыны  фарста», –   банысангонд у фæсарæн хъуыддæгты министрады  информацийы.