Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили 20-23 апрелы кусæн визитæй Италиайы Республикæмæ фæуазæг уыдзæн – уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.
Уагдоны хъусинагæй, визиты фæлгæтты ацæудзæн фембæлдтæ Италиайы æххæстгæнæг æмæ закъондæттæг хицæуæдты минæвæрттимæ.
Илиа Дарчиашвили фембæлдзæнис Италийы фæсарæн хъуыддæгты æмæ æхсæнадæмон æмгуыстады министримæ, Антонио Тайяниимæ.
Илиа Дарчиашвили æмæ Антонио Тайяни къух бафысдзысты Италиа æмæ Гуырдзыстоны æхсæн бæрзонд æмвæзады диалогы инициркæныны фæдыл декларацийыл; афтæма Гуырдзыстоны æмæ Италиайы æхсæн культурæ æмæ зонæдты сферæйы 2023-2027 азтæм æххæстгæнæн программæйыл.
Визиты æлгæтты Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдоны къухдариуæггæнæг фембæлдзæни Италиайы цæрæг гуырдзиаг диаспорæйы минæвæрттимæ.