Илиа Дарчиашвили кусæн визитæй араст уыдзæн Брюссельмæ

11:55, 25.09.2023

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министр  Илиа Дарчиашвили  кусæн визитæй  Брюсселмæ  араст уыдзæн.   Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдоны  пресс-куысты  информацийы, Илиа Дарчиашвилийы  визит Брюсселмæ  25-26  сентябры ацæудзæн.

«Илиа Дарчиашвили фембæлдтæ ауадздзæн  Еврокомиссийы, сæрмгаондæй та,   еврокомисаримæ ауæрæхы æмæ  сыхагон политикæйы  фарстаты, афтæма  еврокомиссаримæ  мидхъуыддæгты фарстаты,  еврокомиссийы   вице-президентимæ,  еврокомиссаримæ  хæзнаты æмæ   æргомдзинады  фарстаты,  еврокомиссаримæ  энергетикæйы  фарстаты æмæ еврокомиссаримæ   экономикæйы фарстаты.

Визиты фæлгæтты  Илиа Драчиашвили  афтæдæр  фембæлдзæнис  Евроклмиссийы   сыхагон æмæ ауæрæхыл  бадзырдты  генералон  диреткораты  генералон диреткоримæ. Афтæма  ацæудæн   кусæн фембæлд   Евроцæдисы  уæнг бæстæты  иудадзыг  минæвæрттимæ», –  банысангонд у  æддагполитикон   уагдоны  информацийы.

Хуыздæр