Илиа Дарчиашвили – Уырыссаг оккупаци кæрон скæнынæн æмæ абхазаг æмæ ирон æмбæстонтимæ хидтæ сæндидзын кæнынæн Гуырдзыстоны сабырадон  тыхархайд дарддæр кæны
Илиа Дарчиашвили – Уырыссаг оккупаци кæрон скæнынæн æмæ абхазаг æмæ ирон æмбæстонтимæ хидтæ сæндидзын кæнынæн Гуырдзыстоны сабырадон тыхархайд дарддæр кæны

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  социалон хызаг «Твиттеры»  фыссы   августы хæсты  14 азы  сæры фæдыл.

Йæ  дзырдæй, зæгъгæ уырыссаг  оккупацийы  кæрон  скæнынæн  æмæ  абхазаг æмæ ирон  æмбæстонтимæ  хидтæ  сæндидзын кæнынæн  Гуырдзыстоны  сабырадон тыхархайд  дарддæр кæны.

«Абон  Гуырдзыстоны ныхмæ  Уæрæсейы æфсæддон агрессийæ  14 азы  сыххæст.  Кад кæнæм  уыдоны нæмттæн, чидæриддæр сæхи снывонд кодтой,  цæмæй мах сæрибар баззадаиккам.  Уырыссаг оккупаци кæрон скæнынæн  æмæ абхазаг æмæ ирон  æмбæстонтимæ  хидтæ сæндидзын кæнынæн  Гуырдзыстоны сабырадон  тыхархайд дарддæр кæны», – фыссы  Илиа Дарчиашвили.