Саломэ Зурабишвили – кæд нæ хъæуы  хæдбарад, кæд  ис нæ иуæймаг  тас, иумæ тох кæнæм  нæ кæрæдзий нæ æцæгдæр хъæуы  паддзахад, уæд нæ зондмæ æрцæуæм,  ауынæм, кæмы  ныхм æнæ фæлæ нæ иумæйаг знаджы ныхмæ
Саломэ Зурабишвили – кæд нæ хъæуы хæдбарад, кæд ис нæ иуæймаг тас, иумæ тох кæнæм нæ кæрæдзий нæ æцæгдæр хъæуы паддзахад, уæд нæ зондмæ æрцæуæм, ауынæм, кæмы ныхм æнæ фæлæ нæ иумæйаг знаджы ныхмæ

Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвили   Мухатгвердийы  æфсымæрон уæлмæрдмæ  фæзындис, цы ран   2008 азы  августы хæсты  фæмардуæвæг   хæцджытæн сæ ном ссардта.

Саломэ Зурабишвили   журналисттимæ ныхасы куыд  загъта афтæмæй,   уæдмæ   уыдис   Светицховелийы, цы ран  Шовы  стихийы фæстиуæгæн   æмæ августы хæсты рæстæджы  фæмардуæвæг  адæймæгты  удты  тыххæй  скуывдта.

Уыимæ  Саломэ Зурабишвили æхсæнады  иудзыинады æрдæм раздæхта йæ  хъусдард.

«Цъус рæстæг рамæ уыдтæн Светицховелийы  цы ран панихидæ  скодтой   Рачъайы  фæмардуæвæг   адæймæгтæн, кæцытæ нырма  гæнæн ис  удæгас  дæр сты  æмæ  гæнæн ис,  æрыздæхой  сæ  бинонтæм, уый тыххæй  фæкуыывдтой.   Иурæстæгонæй  скуывдтой  2008 азы  хæсты  Гуырдзыстоны  иудзинадæн  тохы  фæмардуæвджыты удты  тыххæй  дæр.

Ацы дыууæ трагедийы,  кæцытæ  дыууæдæр августы  æрцыд, гæнæн ис  кæронмæ кæрæдзийы æнгæс  не сты.  Нæ ныхмæ  хæцы   знаг,  куы  хæцгæйæ куы  та  фæлмæн тыхæй, кæцы  ацы фæстаг рæстæджы тынг зыны  æмæ кæцыйы  ныхмæ хъæуы,  цæмæй  иумæ  уæм, афтæма   нæ ныхмæ архайы  мæсты    æрдз, кæцыйы раз   афтæдæр хъуамæ  баиу  уæм.

Ахæм фидиуæнтæ хъуысынц,  æмæ  социалон хызæгты  цæуынц  фыст, кæцы мæнæн  абон   нæрайсгæ сты.  Уырнæг дæн,  ай æппæт   нæрайсгæ у  гуырдзиæгтæн  æмæ Гуырдзыстонæн.  Кæд нæ  хъæуы  хæдбарад, цæй тыххæй  дæр тох  кодтой  уыцы  адæймæгтæ, кæцытæ  ацы уæлмæрдыл сты æвæрд, кæд нæ ацы  хæдбардзинад æцæгдæр хъæуы,  кæд нæ  хъæуы  паддзахад, уæд нæ  зондмæ хъуамæ æрцæуæм, ауынæм, кæм  ис нæ иумæйаг тас  æмæ  нæ кæрæдзий ныхмæ  тох нæ фæлæ   – иумæ  схæцæм    иумæйаг знаджы ныхмæ», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.