Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили Турчы Республикæмæ официалон визиты фæлгæтты, горæт Стамбулы Турчы Республикæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Мевлут Чавушогълуимæ фембæлд.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты уагдоны информацийæ, фембæлдыл æвæрццаг банысан ис дыууæ бæстæйы стратегион партнерад, кæцы æнтыстджынæй рæзыбирæ æрдгæй æмæ сæрмагонд нысаниуæг исы дыууæ бæстæйы æмахастытæ фæарфдæры æмæ регионон æмкуысткæнынады цæстæнгасæй.
«Министртæ æвæрццаг аргъ скодтой Гуырдзыстон æмæ Турчы æхсæн бæрзонд æмвæзады цæдистæ активизацийæн. Ноджы иу хатт æвæрццаг аргъ скодтой Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы визитæн Турчы Республикæмæ. Фарсытæ равдыстой цæттæдзинад фидæн дæр активонæй бакусой бæрзонд æмвæзады дыууæфарсон визиттæ сыххæсты цæстæнгасæй, ацы æрдгæй ныхас уыд Турчы Республикæйы президент Реджеб Тайип Эрдогъаны визитмæ Гуырдзыстонмæ.
Фембæлдыл сæрмагонд хъусдард здæхт уыдис Гуырдзыстон æмæ Турчы æхсæн æмгуыстады приоритетон æрдæмадтæм, сæ нымæцы базарадон-экономикон цæдистæм æмæ сæ дарддæры райрæзты егъау потенциалмæ.
Министртæ æхсызгонæй банысан кодтой бæстæты æхсæн кæрæдзийæн фарсхæцыны бæрзонд æмвæзад. Илиа Дарчиашвили туркаг коллегæйæн раарфæ кодта Турчы æрдгæй Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æгасдзинадæн хъæддых фарсхæцыны тыххæй, афтæ куыд Турчы хъæддых позицийы тыххæй Гуырдзыстоны æддагон политикон приоритетæм гæсгæ. Министртæ афæлгæстой регионы уæвæг уавæр æдасдзинады цæстæнгасæй. Ацы æрдгæй бахахх ис Турчы тыхархайд регионы сабырдзинады æмæ стабилондзинад сифтонг кæныны цæстæнгасæй», – дзырдæуы официалон информацийы.
Æддагполитикон уагдоны хъусинагæй, регионы цæугæ процесстыл ныхасы рæстæджы йæхи æрдгæй банысан ис Гуырдзыстоны ахсджиаг роль Хуссар Кавказы стабилондзинад æмæ æнæцудгæ райрæзт ифтонгкæныны процессы.