Илиа Дарчиашвили – Оливер Вархеймæ адæттам цæттæдзинады фæдыл  хъусинаг, ома  парламент бацархайдзæн  дискусси  уæрæх бастдзинадæй  адарддæр уа  æмæ Гуырдзыстоны æввахс мæйты  фæуа рекомендацитыл кусын
Илиа Дарчиашвили – Оливер Вархеймæ адæттам цæттæдзинады фæдыл хъусинаг, ома парламент бацархайдзæн дискусси уæрæх бастдзинадæй адарддæр уа æмæ Гуырдзыстоны æввахс мæйты фæуа рекомендацитыл кусын

Ауæрæхы фарстаты   Еврокомиссар Оливер Вархеймæ алæвæрдтам   нæ  цæттæдзинад, ома Гуырдзыстоны парламент, хицаугæнæг бал  бацархайдзæн,  дискусси  алы хайадисæг фарсы æмхайадæй  адарддæр уа  æмæ   Гуырдзыстон  куыд  гæнæн ис афтæ тагъд, æввахс мæйты фæуа  рекомендацитыл кусын – уый фæдыл  Гуырдызстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  Брюсселы   журналисттæн  загъта.

Гуырдзыстоны   æддагполитикон уагдоны  къухдариуæггæнæгы  информацийæ,  Брюсселмæ  визиты рæстæджы  фыццаг хай  Еврокомиссийы  фембæлдтæ дары  йæ  хъуыдыйы, иннæ хай та  у НАТО-Гуырдызстоны  комиссийы   рабадт.

«Фыццаджы дæр, мæ фæнды банысан кæнын цæмæй ацы  аз  ай у  мæ  фыццаг визит  Брюсселмæ.  Дыууæйыл у визит дих: фыццаг  хай  рахицæнгонд у мæ фембæлдтæн Еврокомиссийы,   дыккаг та НАТО-Гуырдзыстоны  комиссийæн, кæцы  ацæудзæн   къуырийы дыккаг æрдæджы.

Абон райдыдтон фембæлдтæ  Брюсселы, уыдис мын   тынг цымидисон   фембæлд  ауæрæхы  фарстаты  комисаримæ, Оливер Вархейимæ. Базонын  йын кодтам уыцы  реформæты фæдыл, кæцытæ уагхд сты,  кæцытæ  фестæм.  Афтæма нын  уыдис фадат, фæныхас кодтаиккам  уыцы рекомендацитыл  кæцытæ нæм уыд лæвæрд Венецийы  Комиссийæ.  Ацы фарста  цæй зæгъын æй хъæуы  адарддæр уыдзæн, ацы конкретон   рекомендациты алыварс  нырид   парламенты ис политикон процесс.адæттон комиссарæн  нæ цæттæдзинад, ома Гуырдзыстоны  парламент.  Хицаугæнæг бал  бацархайдзæн, уæрæх  æмхайадæй,а цы процессы алы хайадисæгимæ иумæ  ацы дискусси  адарддæр уа  æмæ Гуырдзыстон куыд  гæнæн ис афтæ тагъд, æввахс мæйты фæуа  рекомендацитыл кусын»- загхта фæсарæн хъуыддæгты министр.