Илиа Дарчиашвили – кæцыфæнды платформæ, фæнды хурыскæсæн партнерад æмæ фæнды æндæр ног механизм, кæцы нæ фæтагъддæр кæндзæн европаг интеграцийы фæндагыл, махæн у æхсызгон
Уыдис мын фадат равдыстаин нæ позитивон ахаст хурыскæсæн партнертарды, ацы платформæмæ, уымæн æмæ позиивон фæтсиуджытæ, кæцы Гуырдзыстонæн уыд азты дæргъы, хурыскæсæн партнерады, куыд механизмы сгуыхтдзинад у, – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили райхъусын кодта, кæцы Брюсселы хурыскæсæн партнерады министериалы исы хайад.
Министры дзырдæй, зæгъгæ фæнысангонд министериал уыд афоныл æмæ дискуссийы хайад исджытæ фæныхас кодтой ууыл, цæмæй куыд уынынц хурыскæсæн партнерады фидæн.
«Нæ позици у тынг позитивон, кæд уыдзæн иумæйаг ахаст алы платформæ стынг кæныны æмæ ног фадæттæ æрбаласыны, уæд мах Гуырдзыстон, уыдзыстæм уый хай, фæл ам кæддæриддæр ныхас кæнæм, цæмæй нын ис дыууæфарсон сæйраг формат Евроцæдисимæ, кæцы у нæ европаг интеграцийы сæйраг хахх. Уый параллелонæй, кæцыфæнды платформæ, фæнды хурыскæсæн партнерад, кæнæ æндæр ног механизм, кæцы нæ стынг кæндзæн æмæ фæтагъддæр кæндзæн европаг фæндагыл, махæн у æхсызгон æмæ уый фидæны дæр адарддæр кæндзыстæм», – райхъусын кодта Илиа Дарчиашвили.