Илиа Дарчиашвили – ИНО-ы генералон ассамблейы президенты визит у æнгом æмгуыстады æмæ организацийы куысты Гуырдызстоны активон бастдзинады бæлвырд цæвиттон
Фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили, ИНО-йы генералон ассамблейы 76-æм сессийы президент Абдулла Шахидимæ фембæлдис, кæцы Гуырдзыстонмæ фæуазæг фыццаг официалон визитæй. Илиа Дарчиашвили фембæлды фæстæ куыд райхъусын кодта афтæмæй, фæнысангонд визит иугонд нациты организациимæ æнгонм æмгуыстады æмæ организацийы куысты Гуырдызстоны активон бастдзинады æргом цæвиттон у.
Æддагполитикон уагдоны пресс-куысты информацийы куыд у банысангонд афтæмæй, фембæлдыл æндæр фарстатимæ иумæ хъасдард здæхт уыдис оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты фæкарзгонд æдассдзинады, адæймаджы барты æмæ гуманитарон уавæрмæ æмæ Уæрæсе йæхимæ цы æхсæнадæмон хæстæ систа уыдоны æнæсыххæстмæ.
Фæсарæн хуъыддæгты министр раарфæ кодта генералон ассамблейы президентæн Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинада хъæддых фарсхæцыны тыххæй.
Фембæлдыл ныхас афтæдæр уыд ИНО-йы генералон ассамблейы фæлгæтты Гуырдзыстоны æмæ организацийы æмгуыстады актуалонæй фарстатыл, уый нымæцы сабырдзинады æмæ æдадсзинады адæймаджы баоты хъахъъæды æмæ æнæцудгæ райрæзты, гендерон æмсæрады æмæ сылгоймæгты стынг кæныны, фæсивæды бастдзинад баахъаз кæныны фарстатыл.
Илиа Дарчиашвили куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстон активон баст у ИНО-йы генералон ассамблейы,а фтæ куыд организацийы æндæр æмæ æндæр структурæты куысты. Уый нымæцы министры дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон хайад исы æндæр æмæ æ ндæр нысаниуæгджын процессты æмфасилитацийы æмæ тематон резолюциты инициркæныны æмæ æмавтордзинады æрдгæй.
Банысанкæнинаг у цæмæй Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты ИНО-йы генералон ассамблейы 76-æм сессийы президент фембæлдтæ ауадздзæн Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ, премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ æмæ парламенты сæрдар Шалва Папуашвилиимæ. Гуырдзыстоны уæвгæйæ, Ино-йы генералон ассамблейы 76-æм сессийы президент ныццæудзæн оккупацион хаххмæ, цæст ахæсдзæн тыхбын бынативгæ уæнгты цæрæн хъæумæ Цъерованы æмæ бынатыл æрзонгæ уыдзæн оккупацийы фæстиуæгæн сырæзт уавæримæ æмæ тыхбын бынативгæ уæнгты уавæртимæ.
«Уыимæ ИНО-йы генералон Ассамблейы 76-æм сессийы президент фæуазæг уыдзæн юстицийы хæдзармæ, цы ран æрзонгæ уыдзæн паддзахадон сервисты архайæг моделимæ æмæ уыцы реформæтимæ, кæцытæ æххæст кæны Гуырдзыстон «Гом фæткдæттынады партнерады» инциативæйы фæлгæтты æмæ кæцытæ нысаниуæгджын рол æххæст кæнынц нæцудгæ райрæзты нысæнтæ сæххæсты процессы.
Абдулла Шахид афтæма бæрæгдзау бацæудзæн Гуырдзыстоны ИНО-йы офисмæ æмæ фембæлдтæ ауадздзæн ИНО-йы программæйы баст æнæхицауадон организациты минæвæрттимæ.
Информаци ахæлиу кодта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.