Илиа Дарчиашвили – Гуырдзыстон-Азербайджаны партнерад бонæй-бон тынгдæр кæны
Гуырдзыстоны фæсарæн хуъыддæгты министр официалон визитæй уæвы Азербайджаны.
Социалон хызаджы министр куыд фыссы афтæмæй, Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн партнерад бонæй-бон тынгдæр кæны.
«Мæнæн стыр цыт у мæ официалон визит райдаын хæлар Азербайджанмæ æмæ бæрзонд аргъ кæнын, цæмæй мын ис Азербайджаны президентимæ, Ильхам Алиевимæ фембæлды фадат. Бахахх кодтам Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны дипломатон ахастыты 30 азысæр. Нæ партнерад бонæй-бон тынгдæр кæны, хъусдард здахæм сабырдзинадыл, стабилондзинады æмæ регионон рæзынадыл», – фыссы Дарчиашвили.