Илиа Дарчиашвили – Гуырдзыстон-Азербайджаны партнерад бонæй-бон тынгдæр кæны
Илиа Дарчиашвили – Гуырдзыстон-Азербайджаны партнерад бонæй-бон тынгдæр кæны

Гуырдзыстоны фæсарæн хуъыддæгты министр официалон визитæй  уæвы Азербайджаны.

Социалон хызаджы  министр куыд фыссы афтæмæй,   Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны  æхсæн партнерад  бонæй-бон  тынгдæр кæны.

«Мæнæн  стыр цыт у  мæ официалон визит райдаын хæлар  Азербайджанмæ  æмæ  бæрзонд аргъ кæнын, цæмæй  мын ис  Азербайджаны президентимæ, Ильхам Алиевимæ  фембæлды  фадат.  Бахахх кодтам  Гуырдзыстон æмæ   Азербайджаны  дипломатон  ахастыты 30 азысæр. Нæ партнерад бонæй-бон тынгдæр кæны, хъусдард  здахæм  сабырдзинадыл, стабилондзинады æмæ  регионон рæзынадыл», –  фыссы Дарчиашвили.