Илиа Дарчиашвили фембæлдис Стыр Британийы æддагон, хæлардзинады æмæ рæзынады фарстаты паддзахадон нымæрдаримæ
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили, Иугонд Паддзахадмæ визиты фæлгæтты, Стыр британийы æддагон, хæларады æмæ рæзынады фарстаты паддзахадон нымæрдар Джеймс Клеверлиимæ фембæлдис.
«Министрты фембæлдыл афæлгæстой дыууæфарсон ахастыты цæугæ фарстатæ, хъусдард здæхт уыдис Иугонд Падзахады æрдгæй Гуырзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн хъæддых фарсхæцынмæ, кæцы æвдыст у куыд æххæстгæнæг, афтæ закъондæттæн æмвæзадыл æмбæлгæ фидиуæнты æмæ документты. Миинистр коллегæйæн информаци базонын кодта оккупацигонд регионты уæвæг уавæры фæдыл. Министртæ равдыстой цæттæдзинад активонæй бакусой бæрзонд æмвæзады визиттæ баивды фæдыл, кæцы къухаразæг уыдзæн æндæр æмæ æндæр сферæты дыууæ бæстæйы æхсæн æнгом æмæ практикон æмгуыстад фæарфдæрæн», – банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хуъыддæгты министрады информацийы.
Афтæма сæ хъусинагæй, сæрмагонд хъусдард здæхт уыдис базарадон-экономикон партнерадыл, Гуырдзыстоны рæзгæ транзитон æмæ экономикон рол хынцгæйæ, банысан ис Гуырдзыстоны Иугонд Падзахады бизнесзылдты инвестицитæй бацымидис кæныны æвæццæгæнад.
«Министр коллæгæйæн базонын кодта информаци алы уыцы нысаниуæгджын регионалон кæнæ æхсæнадæмон проектты фæдыл, кæцы рæзын кæны Гуырдзыстоны роль, транзитон æмæ энерго-æдадсзинады цæстæнгасæй. Фембæлдыл ныхас афтæдæр уыд регионы уæвæг æмæ æдасдзинады уавæрыл.
Украинайы Уæрæсейы æфсæддон агрессийыл ныхасы рæстæджы, ноджы иу хатт разагъдæуыд Гуырдзыстоны æххæст фарсдарын Украинайы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн. Банысан ис Гуырдзыстоны æрдгæй политикон æмæ гуманитарон равгы фарсхæцын.
Афтæма банысан ис Стыр Британийы нысаниуæгджын контрибуци Гуырдзыстоны паддзахадон институтты рæзынады æмæ реформæты имплементацийы процессы. Министртæ афтæдæр райгонддзинад сфиксир кодтой Уордроппы стратегион диалогы фæлгæтты бæстæты æхсæн реадмиссийы æмæ уæлдæфон дыууæрдæм змæлды сферæйы бадзырд бафыссыныæй», – дзырдæуы Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдоны публикацигонд информацийы.