Илиа Дарчиашвили фембæлдис  Стыр Британийы  æддагон, хæлардзинады æмæ  рæзынады фарстаты паддзахадон нымæрдаримæ
Илиа Дарчиашвили фембæлдис Стыр Британийы æддагон, хæлардзинады æмæ рæзынады фарстаты паддзахадон нымæрдаримæ

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили, Иугонд Паддзахадмæ  визиты фæлгæтты,  Стыр британийы  æддагон, хæларады æмæ   рæзынады  фарстаты  паддзахадон нымæрдар Джеймс  Клеверлиимæ фембæлдис.

«Министрты  фембæлдыл  афæлгæстой   дыууæфарсон  ахастыты  цæугæ   фарстатæ,  хъусдард здæхт уыдис  Иугонд Падзахады  æрдгæй  Гуырзыстоны  суверенитет  æмæ территорион  æнæхъæндзинадæн  хъæддых фарсхæцынмæ,  кæцы  æвдыст у куыд æххæстгæнæг,  афтæ  закъондæттæн æмвæзадыл  æмбæлгæ  фидиуæнты æмæ  документты.  Миинистр  коллегæйæн информаци базонын кодта  оккупацигонд регионты   уæвæг уавæры фæдыл.  Министртæ  равдыстой  цæттæдзинад активонæй  бакусой   бæрзонд æмвæзады  визиттæ баивды фæдыл, кæцы  къухаразæг уыдзæн   æндæр æмæ æндæр сферæты  дыууæ бæстæйы æхсæн æнгом  æмæ практикон   æмгуыстад фæарфдæрæн», – банысангонд у  Гуырдзыстоны фæсарæн  хуъыддæгты министрады информацийы.

Афтæма сæ  хъусинагæй, сæрмагонд хъусдард  здæхт уыдис  базарадон-экономикон   партнерадыл, Гуырдзыстоны рæзгæ транзитон   æмæ  экономикон   рол  хынцгæйæ,  банысан ис  Гуырдзыстоны Иугонд Падзахады  бизнесзылдты  инвестицитæй  бацымидис кæныны æвæццæгæнад.

«Министр  коллæгæйæн  базонын кодта информаци   алы  уыцы нысаниуæгджын   регионалон  кæнæ  æхсæнадæмон проектты  фæдыл,  кæцы  рæзын кæны Гуырдзыстоны  роль, транзитон æмæ  энерго-æдадсзинады цæстæнгасæй.  Фембæлдыл  ныхас афтæдæр уыд  регионы  уæвæг   æмæ æдасдзинады  уавæрыл.

Украинайы  Уæрæсейы  æфсæддон агрессийыл ныхасы рæстæджы, ноджы иу  хатт  разагъдæуыд  Гуырдзыстоны  æххæст фарсдарын Украинайы  суверенитет æмæ  территорион  æнæхъæндзинадæн.  Банысан ис  Гуырдзыстоны  æрдгæй   политикон æмæ гуманитарон   равгы  фарсхæцын.

Афтæма  банысан ис   Стыр Британийы  нысаниуæгджын  контрибуци Гуырдзыстоны  паддзахадон институтты  рæзынады  æмæ  реформæты  имплементацийы  процессы.   Министртæ  афтæдæр  райгонддзинад  сфиксир кодтой Уордроппы  стратегион   диалогы   фæлгæтты  бæстæты æхсæн   реадмиссийы æмæ   уæлдæфон   дыууæрдæм змæлды  сферæйы  бадзырд  бафыссыныæй», –  дзырдæуы Гуырдзыстоны  æддагполитикон уагдоны   публикацигонд   информацийы.