Гуырдзыстоны фæсарæн хуъыддæгты министр Илиа Дарчиашвили, ИНО-ы генералон асамблейы, 77-ы сессийы фæлгæтты, Европæйы Советы генералон нымæрдар, Мария Пейчинович-Буричимæ фембæлдис.
Фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, Илиа Дарчиашвили æмæ Мария Пейчинович-Бурич фæныхас кодтой Гуырдзыстоны æнтыстджын æмгуытсадыл Европæйы Советимæ, бахахх ис организацийы нысаниуæгджын контрибуци Гуырдзыстоны демократон райрæзты процессы.
«Сæрмагонд хъусдард здæхт уыдис Уæрæсе-Уырысы конфликтыл, оккупацигонд регионты уæвæг уавæрыл æмæ ацы контексты банысан ис Европæйы Советы нысаниуæгджын роль конфликты сабырæй алыгы, афтæма гуманитарон бастдзинады хуызæй конфликтæй фæхицæнтæгонд цæрджыты æхсæн æууæнк сæндидзын кæныны процессы.
Бахахх ис Европæйы Советы бонвæткы Гуырдзыстоны территориты оккупацийы фарстайы бæрзонд политикон æмвæзадыл ныууадзыны нысаниуæг æмæ æвæрццаг аргълæвæрд уыд, оккупацигонд регионы уæвæг уæззау гуманитарон уавæры æмæ æдасдзинады æрдгæй аууæлты фæдыл генералон нымæрдары æрвылазон хыгъдлæвæрды практикæ цæй тыххæй дæр Илиа Дарчиашвили генералон нымæрдарæн раарфæ кодта. Фембæлдыл ныхас уыд регионы уæвæг æдасдзинады уавæрыл, Украинайы цæугæ хæстыл.
Генералон нымæрдар бузныг загъта Гуырдзыстонæн организхацийы æрдгæй Украинайæн фарсхæцæн архæйдтыты активон хайады тыххæй», – банысангонд у Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдоны информацийы.