Илиа Дарчиашвили фембæлдис Европæйы Советы  генералон нымæрдар, Мария Пейчинович-Буричимæ
Илиа Дарчиашвили фембæлдис Европæйы Советы генералон нымæрдар, Мария Пейчинович-Буричимæ

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр  Илиа Дарчиашвили  фембæлдис  Европæйы Советы генералон нымæрдар, Мария Пейчинович-Буричимæ.

Фæсарæн хъуыддæгты министрады  хъусинагæй,  фембæлдыл  фæнысан ис  организацийы критикон  роль  æмæ нысаниуæг оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй,   конфликты сабырадонæй алыг кæныны æмæ  æууæнк сæндидзын кæныны  проектмæ  гæсгæйæ.   Сæрмгаонд  акцентт арызт уыд Европæйы советы   консолидацигонд хыгъдлæвæрдтыл, кæцыты фæцы цæуы æхсæнадæмон  дзыллæйы  информир кæнын оккупацигонд Гуырдзытоны  территоритыл уæвæг уавæры фæдыл.

«Фембæлдыл ныхас  баххæссыд, афтæма  Гуырдзыстоны  æрдгæй  Еврокомиссийы  12  рекомендацийы сыххæст процесс  æмæ æнтыстыл.   Министр   ныфс равдыста,  цæмæй  Гуырдзыстоны тыхархайдæн  æмæблæгйæ  саргъ кæндзысты æмæ  бæстæ  афæдзы кæрон райсдзæн   кандидаты статус.  Фембæлды кæрон  фарсытæ  ноджы иу хатт  бæлвырд равдыстой  æнгом æмгуыстад адарддæрмæ  цæттæдзинад», –  банысангонд у  æддагполитикон уагдоны   информацийы.

3-4 октябры, фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  кусæн визитæй  Страсбургы  уыд.