Леван Иоселиани  Европæйы  Советы  генералон нымæрдар, Мария Пейчинович-Буричимæ  фембæлдис
Леван Иоселиани Европæйы Советы генералон нымæрдар, Мария Пейчинович-Буричимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны  адæмон барты  хъахъхъæнæг Леван Иоселиани  Гуырдзыстон  официалон визитæй уæвæг  Европæйы  Советы генералон нымæрдар  Мария Пейчинович-Буричимæ  фембæлдис

Адæмон хъахъхъæнæгы аппараты  информацийæ,   фембæлдыл  Евросоветы   генералон нымæрдар  æмæ адæмон  хъахъхъæнæг  Гуырдзыстоны адæймаджы   барты  хъахъхъæды уавæр   афæлгæстой,  бахахх кодтой   Европæйимæ  интеграцийы   фарста æмæ 12  пунктджын  планы сыххæсты  процесс.

«Адæмон хъахъхъæнæг, аппараты  куыстыл, цæугæ проекттыл, афтæма  2023-2030  азты  адæймаджы   барты стратегийы  æмæ архайадон планы деталтыл   фæдыл   фæныхас кодта.

Европæйы  Советы  генералон  нымæрдар бахахх кодта  хæдбар  институцийы сæрмагонд  рол   уæвæг   поляризацийы  уавæрты,  раарфæ кодта адæмон хъахъхъæнæгæн    адæймаджы барты   æрдгæй  æнтыстджын  æмгуыстады  тыххæй æмæ  ныфс равдыста, цæмæй  фæнысангонд   практикæ  фидæны дæр адарддæр уыдзæн», –   дзырдæуы Гуырдзыстоны адæмон барты хъахъхъæнæгы аппараты  ахæлиугонд информацийы.