Гуырдзыстоны уæвæг украинаг лигъдæттæ гуманитарон æххуыс райсдзысты
Гуырдзыстоны уæвæг украинаг лигъдæттæ гуманитарон æххуыс райсдзысты. «Ротар клуб Тбилиси Интернейшнелы» фæрцы 25 000 евройы аргъы 11000 тоннæ гуманитарон æххуыс æрымбырд ис.
Хæринаг æмæ гигиенон фæрæзтæ Батумы æмæ Тбилисмæ æрцыд. Самебайы кафедралон аргъуаны территорийыл гуманитарон æххуысы æвæрæнты Украинайы хъуыддæгты рæстæгмæ æвджидон æрзонгæ ис.
Андрей Касьянов æххуысы бузныг дзуры патриархатæн æмæ æхсæнадæмон хæрзгæнæг оргагнизацийæн. Афтæма йæ фидиуанæй, зæгъæг Уæрæсе дарддæр кæны Украинайы гуымиры митæ.
«Нысаниуæгджын у Украинайы Гуырдзыстоны минæварад, æхсæнадæмон хæрзгæнæг организациимæ æнгом æмкуыстгæнгæйæ, амалуæвæгæйæ алцыппæт сарызта, цæмæй сыххæст кодтаит Украинайы æмбæстæгты хъæуындзинæдтæ, кæцыт тыхыбын сты, Гуырдзыстоны баззайын Украинайы Уæрæсейы æфсæддон агрессийы тыххæй. Гуманитарон æххуысы бæрц у 11 тоннæ. Фыццаг фондз тоннæйы бæрц уаргъ æнтыстыджытæй æрцыд Батуммæ, волотерты центры æсмæ цæттæ у украинæгтæн аддæтынмæ, кæй хъæуы, уыдонæн. Дыккаг гуманитарон уаргъ райстам Тбилисы, Самебайы аргъуаны. Уым ис хæринаг продукттæ, гигиенон продукци æмæ æндæр дзаума, кæцытæ гæнæн ис бахъæуа украинæгты, чидæриддæр мулк æмæ æфтиаг фесæфта Уырыссаг агрессийы фæстиуæгæн. Украинайы фарс зæрдиаг бузныг дзуры хæрзгæнæг организацийæн, Гуырдзыстоны патриархатæн бæстыхайы уаргъ æрывæрынæн. Арфæгæнæг стæм алкæмæн аудындзинады, гуманон ахасты, хорздзинады тыххæй», -загъта Андрей Касьянов.