Йенс Столтенберг – хъахъхъæнынадмæ инвестирдзинадæй æмæ Украинайæн  æххуысæй  НАТО-ы æмцæдисонты сабырдзинад сифтонг кæнынæй дарддæр нын æндæр вариант нал баззадис
Йенс Столтенберг – хъахъхъæнынадмæ инвестирдзинадæй æмæ Украинайæн æххуысæй НАТО-ы æмцæдисонты сабырдзинад сифтонг кæнынæй дарддæр нын æндæр вариант нал баззадис

Уазыл  хæсты фæуды фæстæ  ныгуылæны бæстæты  уырныдта  цæймæ Уæрæсеимæ партнерон  ахастытæ саразын ис гæнæн, фæлæ  Уæрæсе ацы фæндаг нæсывзæрста, – уый фæдыл  НАТО-ы  генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг  европарламнты  æддæ ахастыты комитеты  рабадтыл дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Столтенбергы дзырдæй,  зæгъгæ Уæрæсе аскуыддзаг кодта  сыхæгты контроль кæнын, бацархайдта  æндæвдады сферæты сæндидзын кæнын, дзырдта, цæмæй  НАТо-ы уæнгсуæвыны фæдыл бæстæты уынаффæ у  провокаци.

«Уый нæу провокаци, уый у алы бæстæйы  демократон, суверенон бар, йæхæдæг сывзара  йæ фæндаг.  Афтæ  нын уыдис Гуырдзыстон 2008  азы, Хъырым 2014 азы æмæ  егъаумасштабон интервенци  2022 азы.  Уый тыххæй нын æндæр вариант нал ис, æрмæст хъахъхъæнынады  сферæмæ инвестирдзинад  æмæ Украинайæн æххуысгæнгæйæ НАТО-йы  æмцæдисонты сабырдзинад сифтонг кæнын, уымæн æмæ президент путин  куы фæуæлахиз уа Украинайы,  уый уыдзæн трагеди  украинæгтæн, афтæма  стыр тас махæн.

Уый у  сигнал авторитар лидертæм, цæмæй  æфсæддон тыхы фæрцы  фæндон нысанмæ баххæссын ис гæнæн.  Афтæмæй, кæй  æдасдзинады интерестæм цæуы  Украинайæн  баххуыс кæнын  æмæ  арфæгæнæг дæр уыцы  æххуысы тыххæй, кæцыйы Евроцæдисы æмæ НАТО-ы  уæнг бæстæтæ дæттынц Украинайæн», – банысан кодта Йенс Столтенберг.