Андрей Касьянов -  Уæрæсе сабыр украинаг зæххыл хæст куы  райдыдта, уæд нæм уыдис æнхъæлц, цæмæй Гуырдзыстон Украинайæн бирæ эффективонæй дæр баххуыс уыдаит, хъыгагæн афтæ не рцыдис
Андрей Касьянов - Уæрæсе сабыр украинаг зæххыл хæст куы райдыдта, уæд нæм уыдис æнхъæлц, цæмæй Гуырдзыстон Украинайæн бирæ эффективонæй дæр баххуыс уыдаит, хъыгагæн афтæ не рцыдис

Зын рæстæджы, уырыссаг тыхæйбайсджытæ  Гуырдзыстоны  зæххмæ  куы бабырстой, украинæгтæ  æфсымæртау  йæ  фарсмæ слæууыдысты Гуырдзыстонæн.  Нæ фарсхæцын  уыдис æппæтылæххæссæг  æмæ  арæнгонд нæ уыд  æрмæст политикон æмæ  гуманитерон  æххуысæй, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Украинайы хъуыддæгты  рæстæгмæ æвджыид лæг, Андрей Касьянов   райхъусын кодта.

«90-æм азты райдайæны, Абхазы, æнаххос гуырдзиæгты  цард фервæзын кæнынæн, украинаг  барвæндонтæ  æмæ  тæхджытæ  уыдысты уым.  2008 азы, уырыссаг оккупацийы рæстæджы, Гуырдзыстонмæ  лæвæрд уыд   фидар  хæстæрмæг системæ  уырыссаг агресси фæуромынæн.  Уæрæсе  сабыр Украинаг зæххыл  хæст куы райдыдта, уæд махмæ дæр уыдис æнхъæлц,  цæмæй Гуырдзыстон Украинайæн бирæ эффективонæй баххуыс уыдаит. Хъыгагæн,  афтæ нæ рауад  æмæ  уый  не нхъæлцыты æмбæлон нæу  стратегион партнерадыл куы ныхас кæнæм   уæд.  Нæ стратегион, æфсымæрон  ахастыты истори  æмæ нырыккон нын дæттынц абсолютон уырнындзинад, ома Украина  æмæ  Гуырдзыстон уыдзысты иумæ, адарддæр кæндзысты размæцыд нæ  адæмты раст, сабырадон æмæ перспективон фидæны тыххæй. Уырнæг стæм, цæмæй  демократон дунейы  консолидацигонд   æххуысæй  Украина  фервæздзæни æмæ фæуæлахиз уыдзæн, æрмæст знаг та  карз æфхæрд уыдзæн», –  райхъусын кодта Андрей Касьянов  Гуырдзыстон-Украинайы  партнерады 30  азы сæрмæ  нывонд  мадзалыл.