Гуырдзыстоны территориты ныхмæ архæйдты зылынмæ лæвæрд Ивери Мелашвилийæн æмæ Наталиа Иличевайæн аххосаг бавдыстæуыд
Гуырдзыстоны территорийыл ныхмæ архайды зылынмæ лæвæрд Ивери Мелашвилийæн æмæ Наталиа Иличевайæн аххосаг бавыстой.
Хъуыддаджы прокурроры Михеил Сардадзейы информацийæ, зылынгæнæг фарс, тæрхондонæй æркуырдзæн зылынмæ лæвæрдтæн ахст стæрхон кæнын.
Давит Гареджийы хъуыддагыл прокуратурæ Ивери Мелашвилийы æмæ Наталиа Иличеввайы 7 октябры æрцахста.
Прокуратурæйы ахæлиугонд информацийы мидæг куыд дзырдæуы афтæмæй, фæдагуырд райдыдта, Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрадæй райсгæ фыстæй информацийы бындурыл, кæцымæ гæсгæ дæр, азты дæргъы фæсарæн хъуыддæгты министрадимæ архайæг паддзахадон арæны делимитаци-демаркацийы комиссийы эксперттæ, паддзахадон арæныл фидыды рæстæджы, иудадзыгæй ницæмæ дардтой релевантон документаци æмæ йæ иувæрсты Гуырдзыстонæн зианхæссæг уынаффæтæ истой. Афтæма ацы информацимæ гæсгæ, гуырдзыстоны æмбæстаг æндæр бæстæйы бацагуырдта æмæ хъахъхъæнынады министрадмæ адæтта архивы æрмæг, сæ нымæцы топографион картæтæ, кæцытæ бавдыст уыдысты фæдагуырдмæ.
Ахæсттæ аххосагыл нæ сæттынц.