Прокуратурæйы Шанаи Брукы разфæндгондæй марындзинады факты тыххæй  ахст уæнгæн зылынгæнæн бавдыста
Прокуратурæйы Шанаи Брукы разфæндгондæй марындзинады факты тыххæй ахст уæнгæн зылынгæнæн бавдыста

Гуырдзыстоны прокуратурæ Австралийы æмбæстаг Шанаи Брук Эдуардсы разфæндгонд марныдзинады  фактыл Р.М-йæн  зылынгæнæн бавдыста.

Уагдоны  информацийæ, МХМ-ы уагъд  фæдагуырдæй  сбæрæг ис, цæмæй 2021 азы 30 июлы, 16:00 сахатмæ æввахс, Тбилисы, Мтацъминдайы  паркы  алфæмбылæйтты,  зылынмæ лæвæрд гоймаг, стыгъды фæндæй  балæбурдта  Шанаи Брук Эдуардсмæ.

«Уый тыххæй, цæмæй  йæм амæттаг фæбыцæу ис, зылынмæ лæвæрд, стъигъын фенцондæн кæныны  æмæ стæй йæ  бамбæхсыны нысанæн, хи пайдайæн, ахицæн кодта йæ амарын. Зылынмæ лæвæрд уæнг Брукы кардæй ныццавдта  йæ  бæрзæйы  æмæ  йæ  стæй ныххурх кодта. Уый фæстæ, амæттагы  сæрмагонд дзаумæттæ  систа æмæ фыдракæнды  фæд бамбæрзын бацархайдта, мардыбуарыл ныккалдта   бæласы саст къалиутæ,  кард та –   алфæмбылай территорийыл аппæрста æмæ  цауы  бынатæй  йæхи айста», –  дзырдæуы фидиуæны.

Уагдоны хъусинагæй,   фæдагурæн  куысты  фæстиуæгæн,   фæдагуырд цы  бæлвырдгæнæнтæ  самал кодта, сæ нымæцы  æвдисæндзырдтæ, видео-цæстдарæн  кмерæты ныфыстытæ, генетикон  экспертизæйы   хатдзæгыл æнцойæ,  тæрхонгæнæджы барамындæй, барадхъахъъхæнджытæ   8 сентябры  Р.М.-ы  æрцахстой.  Уымæн аххосаг бавдыстæуыд Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады  кодексы 179-æм статийы  фыццаг  хайæ, 109-æм статийы  фыццаг хайы  «Г»  æмæ æртыккаг хайы  «Г» дæлпункттæй ( разфæндгонд марныдзинад, æндæр фыдракæнды  бамбæхсын æмæ фыдракæнд фенцондæр кæныны нысанæн; хи пайдайæн) ,  кæцы  æфхæрды хуызæй æмæ  мадзалæй йæ  хъуыдыйы  дары  16-æй  20  азы онг  кæнæ та æнæмгъуыд  ахстæй æфхæрд.

«Прокуратурæ  тæрхондонмæ басидтис зылынмæ лæвæрдæн æфхæрды мадзалæй  ахсты фæдыл тæрхон рахæссыны  куырдиатæй», – хъусын кæнынц  прокуратурæйы.