Гуырдзыстоны ныхмæ Страсбургы тæрхондонмæ бавдыст 2008 азы хæсты фæдыл хъастытæ æнæруадзгæйыл банымадтой
Гуырдзыстоны ныхмæ Страсбургы тæрхондонмæ бахæсгæ хъастытæ æнæруадзгæйыл банымадтой – уый фæдыл информацийы хæлиу кæны юстицийы министрад.
«Абон Страсбургы тæрхондон, публикаци скодта æртæ тæрхоныскуыд хъуыддагыл «Джиоева æмæ æндæртæ Гуырдзыстоны ныхмæ»;»Къудухова Гуырдзыстоны ныхмæ»; «Наниева æмæ Багаев Гуырдзыстоны ныхмæ». Хъуыддæгтæ æххæссыдысты Цхинвалы регионы цæрæг æмбæстæгты хъастытæм уымæ гæсгæ, ома 208 азы августы хæсты рæстæджы гуырдзиаг фарсы архæйдтытæ сын сæ цардæн тæссаг уыдысты æмæ сæ мулк базиан ис кæнæ скуынæг ис.
Хъастгæнджытæ хъаст кодтой адæймаджы барты æмæ сæйраг сæрибардзинæдты хъахъхъæды конвенцийы 3-æм статийæ (цæрыны бар) 3-аг статийæ (хъизæмары фæтобæ), уæлæмхас проколы фыцццаг статийæ (сæрмæмулкъы хъахъъæдад), конвецийы 13-æм статийæ барадмæ гæсгæ хъахъъæды архайадон фæрæзы бар), 14-æм статийæ (дискриминацийы фæтобæ) æмæ 8-æм (сæрмагонд æмæ бинонты цардуаг хъахъхъæдады бар) æмæ 5-æм статийы (сæрибардзинад æмæ æдасдзинады бар) фыццаг пунктæй (аы фæстаг стати бавдыст уыд æрмæстдæр Кудуховайы хъуыддаджы) рæвдз барты халыны тыххæй» банысангонд у министрады ахæлиугонд информацийы.
Уымæй уæлдай ма, министрады хъусинагæй, Европаг тæрхондон уæлдæрбанысагонд хъастытæ æнæруадзгæйыл банымадта куыд аргументтæй бынтон цух – афтæ.
Сæрмагондæй та, 2-аг æмæ 3-аг статитæм гæсгæ тæрхондон бацамыдта, цæмæй хъастгæнджыты уавæр нæ уыд уыййас уæззау, цæмæй расайдтаит банысангонд статиты халындзинад. Сæрмæмулкъмæ гæсгæ хъастыты фæдыл Европаг тæрхондон банысан кодта, цæмæй хъастгæнджытæ нæ бахъом сты prima facie бæлвырдгæнæнтæ бавдисын сæ сæрмæмулкъы базиан кæныны кæнæ скуынæг кæныны фæдыл. 8-æм статимæ гæсгæ тæрхондон банысан кодта, цæмæй хæсты периоды хъастгæнджытæ чысыл рæстæгæй æндæр бæстæмæ (Уæрæемæ) кæй ацыдысты уый, 8-æм статийæ зæрдыладрд сферæмæ хифæкæныныл банымайын гæнæн нæ уыд.
Уæлдæрбанысангонд уæнгтæй æрмæст иу хъастгæнæджы – Джиоевайы хъасты хайыл, Европаг конвенцийы 2-аг, 3-аг, 13-æм æмæ 14-æм статитæм гæсгæ, Европаг тæрхондонæн йæ бон нæ бацис фарстайыл тæрхон рахæссын, фæнысангонд хъуаддаджы бавдыст æрмæджытыл æнцойæ. Уымæ гæсгæ дæо Гуырдзыстоны хицауадмæ æрвыст æрцыд домæн, æрмæстдæр ацы хъастгæнæджы лæвæрд конкретон претензитæм гæсгæ сæрмагонд позицийы бавдисын» – банысангонд у Гуырдызстоны юстицийы министрады информацийы.