Гуырдзыстоны минæварадмæ Турчы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн Гуырдзыстоны дыккаг æмбæстагы мæлæты фæдыл информаци фæхæццæ ис
Гуырдзыстоны минæварад Турчы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн дыккаг æмбæстагы мæлæты тыххæй информаци райста.
Минæварады хъусинагæй, Гуырдзыстоны дипломатон минæварадтæ 24 сахатон режимæй кусынц Турчы уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæдыл информаци самал кæныны æмæ сын баххуыс кæныны нысанæн.
«Турчы Республикæйы Гуырдзыстоны минæварадмæ нæм æрбацыд хуъсинаг зæххæнкъуысты фæстиуæгæн Гуырдзыстоны ноджы иу æмбæстагы мæлæты фæдыл. Минæварадæнб Турчы г. Антакиайы Гуырдзыстоны ноджы иу æмбæстагы – О.Ц. мæлæты фæдыл æвдисæн фехъусын кодта. Гуырдзыстоны дипломатон минæварадтæ 24 сахатон режимæй кусынц Турчы уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæдыл информаци самал кæнынæн æмæ сын баххуыс кæнынæн. Минæварад контактыл ис фæмардуæвæгы бинонтимæ, афтæма Турчы æмбæлгæ уагдæттимæ», – хъусын кæнынц Гуырдзыстоны минæварады.
Фæстаг бæрæггæнæнтæй, Турчы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн амæттагы нымæц 1498-мæ ахæццæ ис, цæфты нымæц та 7600-ы бæрц у.