Гуырдзыстоны коронавирусæй реинфицирады иу цау сбæрæг ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй реинфицирады иу цау сбæрæг ис

Гуырдзыстоны коронавирусæй  реинфицирады  иу  цау  фабæрæг ис,  –   уый фæдыл  Гуырдзыстоны  низты контролы националон центры  къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе  брифингыл  фехъусын кодта.

«Реинфицирады иу цау сбæрæг ис, æртæ мæййон æхсæнуатæй. Уым ис  иу штамы  мутант, фæлæ æнæхъæнæй идентон нæу.  Ис дзы  йæ геномы ивддзинæдтæ, фæлæ  нæу бритайнаг   кæнæ æндæр   штам.  Нæ мæ фæнды  кары тыххæй  фæрæдийын, реинфицирады цау сбæрæг ис адæймагмæ, кæцы карджын нæу», –   райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.