Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 910 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 8 081  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 910 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 8 081 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  910  ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 8 081   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 32 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  6 685     адæймагæн, сæ  нымæцы –  4 449  антигены тестæй  æмæ   2 236  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 13,61%,, фæстаг 14 боны –  20,44%,  фæстаг  7 боны  – 17,28%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 626 282  цау, уыдонæй  1 562 614  сæнæниз сты, 16 398  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 826 144    адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 92.

Знон, 6  марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  1 700 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  7 002  пациент, 28 адæймаг та  амард.