Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 823 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 445 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 823 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 445 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  823   ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 1 445    пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 24 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  7 729  адæймагæн, сæ  нымæцы 5 364  антигены тестæй  æмæ   2 365   та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 10,65%,, фæстаг 14 боны –  15,64%,  фæстаг  7 боны  – 12,69%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 635 509   цау, уыдонæй  1 585 885 сæнæниз сты, 16 554  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 832 994  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 603.

Знон, 12марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  1 243   ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  3 064 пациент, 25 адæймаг та  амард.