Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 475  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 507  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 475 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 507 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  475    ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 1 507 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 20 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  8 311    адæймагæн, сæ  нымæцы – 6 203 антигены тестæй  æмæ   2 108  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 5,72%,, фæстаг 14 боны –  8,47%,  фæстаг  7 боны  – 5,54%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 641 874     цау, уыдонæй  1 598 286  сæнæниз сты, 16 663 та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 842 355   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 656.

Знон, 19 марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  849 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  1 855    пациент, 13 адæймаг та  амард.