Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 17 530  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 5 087 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 17 530 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 5 087 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  17 530   ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 5 087  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 39 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  78 172 адæймагæн, сæ  нымæцы –  46 900 антигены тестæй  æмæ   31 272  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 22,42%, фæстаг 14 боны –  15,32%, фæстаг  7 боны  – 19,58%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 092 684   цау, уыдонæй  977 832   сæнæниз сты, 14 813 та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 676 520   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 7 661.

Карантины режимы сты 32 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 651, клиникон фысымуаты ис  2 023 уæнгы.

Знон, 25 январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  15 762 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  5 160  пациент, 42 адæймаг та  амард.