Гуырдзыстоны китайаг вакцинæйæ æфтауынæн регистраци æнхъæлцау райсомæй райдайдзæн
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны китайаг вакцинæйæ æфтауынæн регистраци æнхъæлцау райсомæй райдайдзæн, æрмæст вакцинаци планмæ гæсгæйæ – 4 майæ.
«Рагон загъд куыд уыдис, афтæ китайаг вакцинæйæ æфтауын райдайдзæн 4 майæ. Ныффыст кæнæ регистраци, гæнæн ис сом боны дыккаг хайæ, кæнæ та иннæбонæй. Фæлæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, райдайдзæн райсом боны дыккаг хайæ. Ауæрæх ис вакцинацийы кабинетты æмæ бригадæты нымæц. Раззаг къуырийы ноджы 100 бригадæ уæлæмхасæй бацæттæ ис, сæ нымæцы китайаг вакцинæйыл, кæцыйæн ницы спецификон миниуджытæ ис. Уыцы типы вакцинæ у, кæцытæй бирæ фæлхас кæнæм бæстæйы – инактивиргонд вакцинæ. Фæлæ низы ныхмæ æфтауæг специалисттæ ацы вакцинæйæ архайыны стыр фæлтæрд ис. Йæ эффективондзинады тыххæй куы зæгъæм æмæ йæ цас зонынц дунейы, уæд фæлхасгонд миллиард вакцинæйæ, 25% – 250 милуанæй фылдæр сты китайаг вакцинæ – «Синофарм» æмæ «Синовак». Китайæ дарддæр уымæй фæлхас кæнынц 35-ы онг æндæр æмæ æндæр бæстæты», – банысан кодта Гамхърелидзе.