Гуырдзыстоны хицауады администраци Чъуберы атйынггонд фæзындты фæдыл специалон фидиуæн хæлиу кæны
Мегрелиа-Уæллаг Сванеты регионы, Чъуберы хъæуы, цæугæдон Ненскрайы раивылды фæстиуæгæнæ æрцæугæ стихийы ликивдацион куыстыты баст у алы æмбæлон уагдон æмæ куыст – уый тыххæй хъусын кæны Гуырдзыстоны хицауады администраци.
«Бынатыл МХМ-ы Мегрелиа-Уæллаг Сванеты полицийы уагдоны æмæ уæлвæтк уавæрты фæткдар агентады ксджытæ, фыццаг минутæй кантрол кæнынц уавæр æмæ æххуыс кæнынц цæрджытæн, кæыты автомобилон фæндаджы кæй сцадис уый тыххæй змæлд куылмпыгонд у. Чъуберы хъæуы мобилизацигонд сты зынгвæдисон-ирвæзынгæнæг æмæ автомобилон фæндæгты департаменты специалистты къорд.
Чъуберы сты регионы æвджидон æмæ бынæттон хицауады минæвæрттæ. Бынатмæ арæйнон хæрдмæтæхгæй ныттахтысты уæлвæтк уавæрты фæткдар агентады къухдариуæггæнæг Гиорги Мгъебришвили æмæ оккупацигонд территоритæй тыхбын бынативгæ уæнгты æмæ лигъдæтты министр Созар Субарию. Афтæдæр стизийы бынатмæ араст сты региононтынгады æмæ инфраструктурæйы æмæ æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрты хæдивджытæ, æрдзы националон агентады специалисттæ.
Ацы рæстгæмæ сырæзт уæлæмхас ирвæзынгæнæг къордты æмæ техникæйы мобилиазаци æввахсдæр локацитæй.
Хицауады администрацийы хъусын кæнынц, цæмæй хъæугæ цауы, сыххæст уыдзæн Чъуберы цæрджыты эвакуаци дæр» – банысангонд у Гуырдзыстоны хицауады администрацийы фидиуæны.