Хицауады администраци – Хицауады æргомдзинады индексæй Гуырдзыстон Дунейы 17-æм бынатмæ  схызт
Хицауады администраци – Хицауады æргомдзинады индексæй Гуырдзыстон Дунейы 17-æм бынатмæ схызт

Европæйы  антикоррупцион  иртасæнты центр  (Европæйы  антикоррупцион  æмæ  паддзахадон арæзты  иртасыны  центр)  публикаци скодта глобалон   æргомзинады 2023  азы   хыгъдлæвæрд, «æргомдзинад хæсты  рæстæджы». 2023  азы   æргомдзинады  индексæй   Гуырдзыстон, виппайды  54-æм бынатæй,  дунейы сегасдæр  хуыздæр  дыууыны  æхсæн 17–æм бынат бацахста.

Гуырдзыстон  дунейы    æргомдзинады фæдыл рейтингы йæ фæстæ фæуагъдта   Евроцæдисы  уæнг 15 бæстæйы æмæ Стыр Авды  цыппар паддзахады, уыимæ  æмбæр у  ахæм   размæцыд бæстæтимæ, цахæмдæр сты Финлянди, Швеци æмæ Стыр Британи.

Европæйы антикоррупцион центры  публикацигонд  «Падзахады   намысджындзинады индексы» æрдгæй та, Гуырдзыстон æнæивгæйæ  лæууы   32-æм бынатыл,  6,72  баллимæ.  Иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон паддзахадон секторы   намысджындзинадæй  хурыскæсæн  Европæйы æмæ Централон Азийы  регионы  фыццаг  бынатыл ис, пост советон  тыгъдады та, æрмæст  Эстонийæ фæфæстиат ис æмæ  дыккаг бынат ахсы.

Индекс аргъ кны коррупцийы  контролы æмвæзадæн    бæстæйы,  бæрзонддæр бал æмбæлы  коррупцийы  контролы бæрзонд æммвæзадмæ, ныллæг та  коррупцийы  лæмæгъ  контролмæ.  Индекс  бацахуыр кæны паддзахады  намысджын фæткдæттыны   практикæ, тæрхондоны хæдбарад  æмæ  прессæйы сæрибардзинад, администрацийы  уæзы æмвæзад, паддзахады  бæрнондзинады æмæ æргомдзинады  бæрæггæнæнтæ.

Информаци публикаци кæны хицауады администраци.