Хицауады администрацийы ацыд экономикон советы рабадт

10:46, 06.07.2022

Дыууæнысанон  экономикон рæзт,  райрæзгæ экспорт æмæ туризм сæндидзын кæныны  динамикæйы  стынг уыдысты сæйраг темæтæй   экономикон  советы рабадтыл, кæцы Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы  къухдариуæгæй  ацыд.  Уый фæдыл   информаци  хицауады администрацийы  пресс-куыст хъусын кæны.

Сæ информацийæ,   фембæлдыл   хъусдард здæхт уыдис  бæстæйы  уæвæг  экономикон уавæрмæ.

«Бахахх ис, цæмæй дыууæнысанон экономикон  рæзты динамикæ  дарддæр кæны, сæрмгаондæй та  2022  азы  зæрдæвæрæны  экономикон рæзт  уыдис  -11.6% бæрц,  январ-зæрдæвæрæны  астæуккаг   эконмоикон рæзт   та  сбæрæг ис  11.2%.

Туризмы сæндидзын динамикæйыл ныхасы рæстæджы  банысан ис, цæмæй  цæугæ азы  июны  Гуырдзыстоны  445,894 æхсæнадæмон   бæлццоны визит  сыххæст æмæ рæзт  2021 азы  июнимæ  абаргæйæ 185.5% у. Афтæма  2022  азы   6 мæйы æхсæнадæмон туристон  визитты  нымæц  аххæссыд  1,209,272, кæцы 186.3%-æй  фылдæр у  ивгъуыд азы  аналогион   периодимæ абаргæйæ», – хъусын кæнынц  хицауады администрацийы.

Хуыздæр