Хицауады администраци Саломэ Зурабишвилийæн визиттыл дæуды тыххæй,публикаци кæны фидиуæн
Гуырдзыстоны хицауад президенты администрацийы абон публикацигонд информацийы фæдыл фидиуæн аразы.
Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, Саломэ Зурабишвилийæн Германимæ визитыл, Гуырдзыстоны хицауады барамындæй 2023 азы 3 августы официалонæй нæзагъд ракодтой.
Афтæма хицауады администрацийы фидиуæны дзырдæуы æнæр визитты тыххæй дæр, кæцыты Саломэ Зурабишвилийæн нæзагъд ракодтой.
«Фæнды нæ дзуапп скæнын президенты администрацийы ахæлиугонд информацийæн Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы Германийы Федерацион Республикæмæ плангонд физиты тыххæй. Президенты администраци Гуырдзыстоны хицауадæн фæнысангонд визиты фæжыл æнхъарæн 2023 азы 12 июлы баздæхтис, цæуылдæр Гуырдзыстоны хицауады барамындæй 2023 азы 3 августы официалонæй фысгæ дæуд йæм уыд лæвæрд Гуырдзыстоны конституцийы æмбæлгæ статимæ гæсгæйæ.
Афтæма президентæн официалонæй фысгæ дæуд уыдис 22-24 августы Украинамæ, 16 сентябры Швейцарийы Конфедерацимæ, 2-3 октябры Польшæйы Республикæмæ, 4-6 октябры Бельгийы Паддзахадмæ, 31 октябрæй -2 ноябр хынцгæйæ Данийы Паддзахадмæ æмæ 1-2 декабры Иугонд Арабаг Эмираттæм кусæн визиттыл. Саломэ Зурабишвилиæн афтæдæр нæ уыд барлæвæрд 27-29 сентябры Болгарийы Республикæмæ, 10-12 декабры Чехы Республликæмæ æмæ 18-20 дкекабры Израилы Паддзахадмæ официалон визиттыл.
Бакой к1ндзыстæм президент Саломэ Зурабишвилийæн, цæмæй Гуыдзыстоны Конституцийы 52-æм статийы фыццаг пункты «А» дæлпунктмæ æмбæлгæйæ, Гуырдзыстоны президент æрмæстдæр Гуырдзыстоны хицауады барлæвæрдæй æххæст кæны минæварадон æххæстбартæ æддагон ахастыты, уымæн æмæ Конституцийы 54-æм статийы фыццаг пунктмæ æмбæлгæйæ, бæстæйы æддагон политикæйы сыххæст Гуырдзыстоны хицауажы æххæстбар у», – дзырдæуы хицауады администрацийы фидиуæны.
Абон президенты администраци ахæлиу кодта информаци, кæцымæ гæсгæ дæр, Саломэ Зурабишвили 31 августæй Европаг лидертимæ фембæлдтæ райдайы. Афтæма сæ хъусинагæй фембæлдтæ æххæссынц кандидаты статусмæ.