Гуырдзыстоны  фæзындзæн миндалы æмæ æнгуз  бакусæн кондад
Гуырдзыстоны фæзындзæн миндалы æмæ æнгуз бакусæн кондад

Паддзахадон  программæ  «Араз Гуырдзыстоны»-ы  æххусæй,  Мцхетайы  муниципалитеты хъæу Ничбисийы, миндалы æмæ æнгуз  бакусæн  кондад   сараздзысты, кæцы нырыккон  стандарттæм  æмбæлон уыдзæн ифтонггонд.

Экономикæйы министрады  мулкы фæтк дæттыны  агентады  информацийæ,   ацы  нысанæй   1 540 000  ларийы   инвестицийы  сæххæст пълан кæны.

Кондад саразынæн   Æннæхстæбар æхсæнад   «Джи Инвестимент  Корпмæ»  экономикæйы   министрады  паддзахадон   мулкы   национ   агентадæй,  Ничбисийы  уæвæг  91 094кв метры  зæххы  фадыг æмæ бæстыхай  иу  ларийы аргъæй  æрцыд  лæвæрд.

Агентады хъусинагæй, зæгъгæ компани хомæг æлхæндзæн  бынæттон цæрджытæй.