Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад тызмæг фауы оккупацигонд регионты а.х. таможнæты пунктыты байгомы факт
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад оккупацигонд регионты а.х. таможнæты пунктыты байгоммæ гæсгæ фидиуæн аразы.
Уагдон фауы оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты, сæрмагондæй та Ахалгоры, Уæрæсейы оккупацион режимы æрдгæй, а.х. тможнæты пунктыты байгом, æрмæст Сухумы Уæрæсейы федералоон таможнæйы куысты а.х. специализиргонд таможнæйы посты бакæнын, кæцы уагдоны хъусинагæй, нысанмæ æвæры оккупацигонд Абхазийы æмæ Цхинвалы реионты Уæрæсейы иууон таможнæты тыгъдадмæ интеграци скæнын æмæ у Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй фæнысангонд регионты фактон анексийы æрдæм арызт радон æнæзакъонон кахдзæф.
«Ахалгоры а.х. таможнæйы пункты бакондимæ иумæ, оккупацигонд Цхинвалы регионы фæтобæ ис иннæ Гуырдзыстонæй фыды æмæ æхсыр продуктты баласт, кæцы фыддæр зын кæны бынæттон цæрджыты æнæ уый дæр уæззау гуманитарон уавæр, æмбонд сын кæны сæрибарæй бынативды фадæттæ æмæ тызмæг æфхæры сæ фундаментон бартæ.
Оккупацион хаххы телтæй æмбондтæ æмæ æндæр аразгæ барьерты æвæрдæй, а.х. ахизæн пунктыты æрыхгæдæы æмæ сæрибарæй бынативды арæнскæнынæн ист æндæр æмæ æндæр дискриминацион регуляциты фоныл, а.х. таможнæйы пунктыты байгом у Мæскуыйы политикæйы хай – интеграцийы фæдыл а.х. бадзырдты имплоементацийæ æмæ иннæ Гуырдзыстонæй изоляцийы руаджы, сæххæст кæна Абхазийы æмæ Цхинвалы регионы Уæрæсейаг тыгъдадмæ интеграци, уый нымæцы таможнæты æмæ экономикон тыгъдадмæ баиу кæнын.
Фæнысанкæнинаг у уый æмæ ахæм деструктивон архæйдтытæй Уæрæсейы Федераци барæй архайы, фæкуылымпы кæна конфликты сабырадонæй æрбиноныгы æмæ оккупацион хаххæй дих цæрджыты æхсæн контактты ранæуæг кæныны æрдæм уагъд Гуырдзыстоны æмæ æхсæнадæмон æмгарады тыхархайд» – дзырдæуы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
Фæсарæн хъуыдææгты министрад сиды Уæрæсейы Федерацимæ, фæурома Гуырдзыстоны паддзахаддзинады ныхмæ уагъд провокацион архæйдтытæ, сæххæст кæна æхсæнадæмон дзыллæйæ йæхимæ цы хæстæ райста уый, деоккупаци скæна Гуырдзыстоны территориты æмæ æхсæнадæмон барады принципты бахъахъхъæдæй конфликтты сабырадонæй срегулир кæныны æрдæм къахдзæфтæ æвæрын.
Фæсарæн хъуыддæгты министрад сиды æхсæнадæмн æмгарадмæ æмæблон аргъ скæна Уæрæсейы агрессивон политикæйæн æмæ райса архайадон мадзæлттæ суверенон паддзахады территориты фактон анексийы æрдæм æвæрд къахдзæфты ныхмæ.