Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад – «Рустави 2»-йы дзырдтæ сты комокммæ провокаци, кæцы уагъд у Гуырдзыстон-Уæрæсейы ахастыты æнæ уый дæр ныттынгонд уавæры, ноджы фылдæр фæкарз кæныны æрдæм
«Рустави 2»-ы цы дзырдтæй пайда кодтой уый у комкоммæ провокаци, кæцы уагъд у Гуырдзыстон-Уæрæсейы ахастыты æнæ уы дæр ныттынгонд уавæры, ноджы фылдæр фæкарз кæныны æрдæм – банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
«Тызмæг фауæм теклекомпани «Рустави 2»-ы цы дзырдтæй пайда кодтой уыдон, кæцытæн ницы иумæйаг ис дзырды сæрибаримæ æмæ у комкоммæ провокаци, кæцы уагъд у Гуырдзыстон-Уæрæсейы ахастыты æнæ уый дæр ныттынгонд уавæры, ноджы фылдæр фæкарз кæныны æрдæм.
Сидæм æхсæнадæмон дзыллæмæ æмæ прессæй сæрибардзинады фарстатыл кусæг алы æхсæнадæмон организацимæ, æмбæлон аргъ скæнæнтæ телекомпанийы æмæ конкретонæй ацы журналисты архайдæн, кæцы гуырымыхъхъæй ницæмæ æрдардта æхсæнадæмон профессион нормæтæ æмæ стандарттæ.
Бæрæг у, цæмæй фæнысангонд архайд уыд, бæстæйы дестабилизацийы æнкъарæны æрфидар кæныны нысанæй, уыцы фоныл, Гуырдзыстоны хицауад бæстæйы националон интерстæй рацæугæйæ, куы архайы æндыгъдады деескалаци скæнын», – банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.