Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад – «Рустави 2»-йы дзырдтæ сты комокммæ провокаци, кæцы уагъд у Гуырдзыстон-Уæрæсейы  ахастыты æнæ уый дæр ныттынгонд уавæры, ноджы фылдæр фæкарз кæныны æрдæм
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад – «Рустави 2»-йы дзырдтæ сты комокммæ провокаци, кæцы уагъд у Гуырдзыстон-Уæрæсейы ахастыты æнæ уый дæр ныттынгонд уавæры, ноджы фылдæр фæкарз кæныны æрдæм

«Рустави 2»-ы цы  дзырдтæй  пайда кодтой уый у  комкоммæ провокаци, кæцы  уагъд у  Гуырдзыстон-Уæрæсейы  ахастыты æнæ уы дæр ныттынгонд уавæры, ноджы фылдæр фæкарз кæныны æрдæм –  банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады фидиуæны.

«Тызмæг  фауæм  теклекомпани «Рустави 2»-ы  цы дзырдтæй  пайда кодтой уыдон, кæцытæн ницы  иумæйаг ис  дзырды  сæрибаримæ  æмæ у комкоммæ провокаци, кæцы уагъд у  Гуырдзыстон-Уæрæсейы  ахастыты æнæ уый дæр ныттынгонд уавæры, ноджы фылдæр фæкарз кæныны æрдæм.

Сидæм æхсæнадæмон  дзыллæмæ æмæ  прессæй сæрибардзинады фарстатыл  кусæг алы æхсæнадæмон  организацимæ,  æмбæлон аргъ скæнæнтæ телекомпанийы æмæ  конкретонæй  ацы журналисты  архайдæн, кæцы  гуырымыхъхъæй  ницæмæ æрдардта  æхсæнадæмон  профессион нормæтæ  æмæ стандарттæ.

Бæрæг у, цæмæй  фæнысангонд архайд уыд, бæстæйы  дестабилизацийы æнкъарæны  æрфидар кæныны  нысанæй, уыцы  фоныл, Гуырдзыстоны хицауад  бæстæйы  националон интерстæй рацæугæйæ, куы архайы æндыгъдады деескалаци скæнын», – банысангонд у  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  фидиуæны.