Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад - Мæтæйдзагæй  кæсæм Азербайджаны æмæ Сомихыстоны  æхсæн  радон фæкарзмæ, Гуырдзыстон цæттæ у баххуыс кæна деескалацийæн æмæ регионы сабырдзинад æрфидар кæнынæн
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад - Мæтæйдзагæй кæсæм Азербайджаны æмæ Сомихыстоны æхсæн радон фæкарзмæ, Гуырдзыстон цæттæ у баххуыс кæна деескалацийæн æмæ регионы сабырдзинад æрфидар кæнынæн

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Азербайджаны  æмæ Сомихыстоны æхсæн  радонæ фсæддон  фæкарзы  кой  кæны æмæ  ныфс разæгъы  цæмæй   æхсты фæурæды  фæдыл æрныхас  кæнын бантысдзæн.

Афтæма, фидиуæны мидæг дзырдæуы,  цæмæй  Гуырдзыстон цæттæ у, цыфæнды формæйæ  баххуыс кæна деескалацийæн  æмæ регионы  сабырдзинад æрфидар кæнынæн.

«Мæтæйдзагæй  кæсæм  Азербайджаны æмæ Сомихыстоны  æхсæн  радон фæкарзмæ,  кæцы ахæлиугонд информацийæ  нырид расидтис амæттаг  æмæ  инфраструктурæйы  зиан. Ныфс нæ  ис, цæмæй  бантысдзæн   æхсты  фæурæды  фæдыл æрныхас кæнын, фарсыты бадзырдты режиммæ  ахизын,  æмæ  хиаиуварс кæнын  егъаумасштабон  æфсæддон  архæйдтæй, кæцы  тызмæг  негативонæй  бандавдзæн  æппæт регионы æдасдзинадмæ.

Гуырдзыстон сиды  OSCE-ы  Минскы  къорды  æмсæрдæрттæм, æхсæнадæмон актортæм,  æнæхъæн тыхархайд аздахой  эскалаци  баурæдмæ  æмæ конструктивон  диалог сног кæнынæн.  Нæхиæрдгæй та хъусын кæнæм,  цæмæй   Гуырдзыстон цæттæ у  цыфæнды формæйæ  баххуыс кæна  деескалацийы  хъуыддагæн  æмæ  регионы  сабырдзинад æрфидар кæнынæн» – банысангонд у  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады фидиуæны.