Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад фауы Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл ауадзын
Фæсарæн хъуыддæгты министрад фауы Уæрæсейы Федерацийы президенттæм æвзæрстытæ кæй уадзы оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл цы ран бакодтой 33 æнæзакононæвзарæн фадыг – уый фæдыл банысангонд у министрады ахæлиугонд фидиуæны.
Фæсарæн хъыддæгты министрады хъусинагæй, фæнысангонд архайд у Гуырдзыстоны регионты Абхазийы æмæ Цхинвалы регионы оккупацийы ноджы иу бæлвырд дæнц æмæ сæ фактон анексийы æрдæм радон æнæзакъонон къахдзæф.
«Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл Уæрæсейы парламентон кæнæ президентон æвзæрстытæ уагъд цæуынц уыцы аууæлтты, Абхазийы æмæ Цхинвалы регионты баззайгæ цæрджытæ 2000 азтæй райдайгæйæ массонæй куы фестадысты Мæскуыйы æнæзакъонон, тыхбын паспортизацийы амæттаг, æрмæст этникон ныссыгъдæджы фæстиуæгæн цы сæдæгай мин тыхбын бынативгæ уæнгты расырдтой, уыдонмæ фæстæмæ нæ цæуы лæвæрд бар æрыздæхой срмагонд хæдзæрттæм.
Ахæм архæйдтытæй Уæрæсейы Федераци æххæстæй хынджылæг кæны ИНО-йы уагæвæрдæй, Хельсинкийы актæй æмæ тызмæг æфхæры æхсæнадæмон барады ахæм фундаментон нормæтæй æмæ принциптæй, цахмæдæр у: суверенитет, территорион æнæхъæндзинад, æхсæнадæмонæй разы арæнты нæфæцагайгæдзинад æмæ искæйы мидæгон хъуыддæгтæм æнæбацыд» – банысангонд у фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд фидиуæны.
Фæсарæн хъуыддæгты министр æрсиддтис æхсæнадæмон дзыллæмæ, «Æмбæлон аргъ скæной Уæрæсейы æнæзакъонн архæйдтытæн оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты, кæцытæ йæ бын къахынц барадыл æмæ æгъдæуттыл бындурæвæрд æхсæнадæмон уагæвæрдæн».