Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты уагдон -  тызмæг фауæм  Бучайы æрцæугæ  цагъд æмæ дурзæрдæзинадæй, бæрн æвæрд хъуамæ æрцæуа лкæуыл чидæриддæр ацы хæсты фыдракæндты иста хайад
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты уагдон - тызмæг фауæм Бучайы æрцæугæ цагъд æмæ дурзæрдæзинадæй, бæрн æвæрд хъуамæ æрцæуа лкæуыл чидæриддæр ацы хæсты фыдракæндты иста хайад

Тызмæг фауæм Бучайы æрцæугæ  цагъды æмæ æнæадæймагдзинад, кæцы у æнаххос сабыр цæрджыты ныхмæ –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады  фидиуæны дзырдæуы.

Фæсарæн хъуыддæгты министрады  банысан кодтой, цæмæй бæрн æвæрд хъуамæ  уа  алкæуыл, чидæриддæр ацы  хæсты фыдракæндты иста хайад.

«Тызмæг фауæм Бучайы æрцæугæ  цагъды æмæ æнæадæймагдзинад, кæцы у æнаххос сабыр цæрджыты ныхмæ.  Куынæггонд стæм  æбуалгъ фыдракæндты сценæтæй.  Алчи, чидæриддæр ацы хæсты  фыдракæндты иста хайад,  дзуаппмæ   лæвæрд хъуамæ æрцæуа.  Зæрдиаг  тæфæрфæс кæнæм  украинаг адæмæн. Лæууæм Украинайы  фарсмæ» –  банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.