Гуырдзыстоны Азийы  Райрæзты Банкы иудадзыг минæварадæн къухдариуæг кæндзæн Лесли Беарман Лахм
Гуырдзыстоны Азийы Райрæзты Банкы иудадзыг минæварадæн къухдариуæг кæндзæн Лесли Беарман Лахм

Азийы Райрæзты Банк (ADB) Гуырдзыстоны иудадзыг минæварады директорæй  Лесли  Берман  Лахм снысан ис.  Ног директор  пост  официалонæй  абон бацахста.

ADB-ы информацийæ, Лесли Лахм  иудадзыг минæварады директоры  рангы   къухдариуæг кæндзæн ADB-ы  операцитæн  Гуырдзыстоны,  разамынд кæндзæн банкы  æмгуыстадæн хицауадимæ, райрæзты партнертимæ æмæ æнæр интересджын фарсытимæ. Йæ  сæйраг приоритеты  нымæцы  ис ADB-ы Гуырдзыстонимæ  æмгуыстады 2024-2028  азты стратегийы  бацæттæйыл цæстдард кæцыйы фæрцы    организаци фидæны дæр   адарддæр кæндзæн  Гуырдзыстонæн æххуыс кæныны бирæфарсон,  фæразон æмæ  экологионæй  æнæцудгæ райрæзтæн.

«Мæнæн стыр кад  у, ADB-ы иудадзыг минæварады директорæй уæвын Гуырдзыстоны æмæ йæ къух саразон   бæстæимæ Банкы фидар æмæ хъæддых  æмгуыстады  ноджы  фæарфдæрæн.  ADB дарддæр кæны  трансформацион   инвестициты сыххæст кæнын   æндæр æмæ æндæр   фадыгы æмæ  приоритетон реформæты Гуырдзыстоны райрæзты  амбицион бонвæткы сыххæст кæнынæн», –  райхъусын кодта Лесли Лахм.

«ADB Гуырдзыстоны фарсдарæг  у  2007 азæй  æмæ уый бæстæйы райрæзтæн æххуысы иуæй-иу сеппæтæй   стыр, бирæфарсон партнер у.  Гуырдзыстонæн лæвæрд суверенон  æмæ æнæсуверенон  кредитты   æмтгæйон  нымæц  3.9 миллиард АИШ долармæ хæццæ кæны. Гуырдзыстоны ADB-ы  райрæзты приоритет у  бирæфарсон  æмæ  æнæцудгæ  экономикон  рæзт,  мæгуырдзинады фæкъаддæр, регионон  цæдисты æмæ паддзахадон сервисты рæувадатдзинад   фæхуыздæр кæнын.

ADB-йæн йæ нысан у,  йæ къух сараза Азийы æмæ Сабыр Океаны  регионы   æнтыстджын, бирæфарсон,  фæразон æмæ æнæцудгæ  райрæзтæн.   Иурæстгонæй, уый дарддæр кæны  кусын регионы  фырмæгуырдзинад кæронскæнынæн.  1966 азы бындурæвæрд организаци  иу кæны 68 бæстæйы, сæ нымæцы 49  Азийы  регионæй сты», –  банысан кодтой Азийы Райрæзты Банкы.