Гуырдзыстоны  аэропортты æхсæз мæйы мидæг бæлццæтты къада 18  процентæй райрæзтис
Гуырдзыстоны аэропортты æхсæз мæйы мидæг бæлццæтты къада 18 процентæй райрæзтис

Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ  æнæфæцудгæ  тынгады  министрады æмбæстагон   авиацийы  агентады  бæрæггæнæнтæй, 2019  азы   фыццаг æхсæз азы  дæргъы,  Гуырдзыстоны  аэропорттæ æмтгæй  райсгæйæ балæккад кодтой  2  489 823 бæлццонæн.

2018 азы  аналогион   периодимæ абаргæйæ,   бæлццæтты къадайы рæзынад, 18.24%-æй (384 131 бæлццонæй), æрмæст  2017 азы фыццаг æмæ  дыккаг   кварталтимæ абаргæйæ, 54.59%-æй (879 187 бæлццонæй)  райрæзтис.

2019  азы  æхсæз  мæйы  дæргъы   Гуырдзыстоны аэропортты  1 422  рейсæй  фылдæр   сæххæсти  ивгъуыд азы  фыццаг æмæ  дыккаг кварталтæм абаргæйæ.  Бæлццонон æмæ уæзласæн  рейсты  мтгæйон нымæц  уыд – 12 096, уырдгæй регулярон   рейсты  нымæц у  10 726, æрмæст чартерты  1 370. 2018  азы   аналогион  периоды сæххæст  рейсты  нымæцимæ абаргæйæ  рæзт 13.32%-мæ аххæссыд.

Европæйы  уæлдæфон  навигацийы   æдасдзинады  организацийы  (EUROCONTROL) бæрæггæнæнтæй,    дыккаг кварталы, Гуырдзыстоны  аэропортты   уæлдæфон науты  стæхын-æртæхыны   нымæц  раззаг азы   ацы  периодимæ  абаргæйæ, 8,1%-æй   фæфылдæр.  Фæнысан кæнинаг  у  мид тахтыты   нымæцы рæзт, кæцы EUROCONTROL-ы  бæрæггæнæнтæй, раззаг азы  ацы  периодимæ  абаргæйæ  12%-æй  райрæзтис.