Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрласынæн Болгарийæ сæххæст уыдзæн чартерон авиа-рейс
Гуырдзыстоны хицауад фæсарæйнаг бæстæты баззайæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты организацигондæй фыдыбæстæмæ оласын дарддæр кæны. Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады информацийæ, нырид снысан ис чартерон рейс, кæцы Болгарийы горæт Бургасийæ Гуырдзыстонмæ дæсгай æмбæстагы æрласдзæн.
Министрады хъусинагæй рейсы сыххæст кæндзæн авиакомпани «Myway Airlines».
Экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй, рес æрласдзæн уæзты ласæг Гуырдзыстоы компаниты кусæг шофырты, кæцытæн Болгарийаг фарс, бæстæы уæвæг карантины арæнæвæрдты тыххæй, быранмæ схизын æмæ сæрмагонд хæдтулгæйæ балц кæныны бар нæ радта.
Чартерæй рацæуыны аргъ иу бæлццоныл уыдзæн 100 евройы бæрц. Болгарийæ чартерæй æрцæугæ уæнгтæ 14 бонон æнæмæнгхъæугæ карантин арвитдзысты фыдыбæстæйы.